Сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн æххуысы мадзæлттæ снысан кæнын, уыимæ алы сабимæ дæр хицæн фæкаст. Уыцы хæс депутаттæн бабар кодта парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз.
Абон бæрнон кусджытæ фембæлдысты «Хуры тын», «Надежда» æмæ «Амонд»-ы рауагъдонтимæ. Спикеримæ æмбырды архайдтой социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ, наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Саулохты Сæрмæт æмæ сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг Кокайты Артур. Депутаттæ сывæллæттæн уыдзысты зондамонджытæ, æххуыс кæндзысты бахъуаджы рæстæг, уыимæ сывæллæтты æнтыстджын къахдзæфтæм сæ бавæрæн хæсдзысты.
















