Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой социалон мадзал «Твой ход! Пешеход», зæгъгæ. Фæстаг цалдæр азы фистæгæй цæуджыты архайдимæ фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр 43 %. Фæлæ фæндаггон фыдбылызты адæм кæй мæлынц, уыцы фарста уæддæр у ахсджиаг æмæ хъуыдыйаг.
Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг 10 азы фистæгæй цæуджыты архайдимæ фæндаггон фыдбылызты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Æмæ кæд фæндаггон фыдбылызты цы адæм фæмард, уыдоны нымæц фæкъаддæр, уæддæр фарста у ахсджиаг æмæ зæрдæхсаинаг. Йæ рахалынæн цæттæ кæнынц сæрмагонд мадзæлттæ.
Цæгат Ирыстоны райдыдта Æппæтуæрæсеон акци «Твой ход! Пешеход», зæгъгæ. Акцийы агъоммæ бацæттæ кодтой мадзаларазджытимæ фембæлд. Ацы егъау информацион мадзал арæзт æрцыд фистæгцæуджыты æдасдзинадæн. Хистæр карæй уæлдай ма сæрмагонд цæстдард — сабиты æдасдзинадмæ.
Акци аразджыты ‘хсæн — проект æппæт Уæрæсейыл чи парахат кæны, уыцы центр «Движение без опасности». Æппæтуæрæсеон акци «Твой ход! Пешеход» нæ республикæйы ахæсдзæн къуырийы кæронмæ.
















