Мæнг ныхмæлæууæджы аиуварс кæнын. Ахæм нысан лæууыд Хуссар æфсæддон зылды артиллеристты размæ. Бон раздæр сын ацыд егъау ахуыртæ. Бауагътой сæм æрмæст иттæг хорз цæттæгонд æфсæддонты.
Сармадзаны æваст тыхуад иу æхстæй мил фæцæф кæны. Тыхджын хæддзæугæ гарзæн йæ бон у дæсгай километртæм аххæсын, йе срæмыгъды фæзуат та — 20 гектары онг. Æхгæд бынатæй комкоммæ хъавгæйæ, 19 девизийы артиллеристтæм æгас хæхбæстæ зыны. Раст цымæ армы тъæпæныл ис, афтæ. Мæнг знагæн бамбæхсын нæ бантысдзæн. Уæвгæ, ацы сармадзанты уынæрæй хъустæ ахгæнынц. Ахуырты фæлгæты артиллеристты сæйраг нысан — æртæ хатты мысан акъахын. Уæд уæлдæр бæрæггæнæн райдзысты.
Тохы рæстæг артиллерийы ахадындзинад стыр у. Уæдæ ацы хæцæнгарз дæр арæх нæ фендзынæ. Фæлæ йын, кæстæр сержант Дмитрий Ушенёвы ныхæстæм гæсгæ, тохы рæстæг æмбал нæй. Лæппумæ йæхимæ æфсæддон суæвыны фæнд хуымæтæджы нæ сæвзæрд, — бафæзмыдта йæ фыды фыды. Уый 1941-æм азы Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд. Фæлæ 1942-æм азы æбæрæгæй фесæфт. Йæ æфсæддон фæндæгтæ йын Дмитрий ныр дæр ма йæ зæрдыл дары.
Ахæм ахуыртæ зымæгон арæзт æрцæуынц Хуссары æфсæддон зылды æппæт æфсæддон хайæдты дæр. Хъуамæ æфсæддонтæ бамбарой, сæ куыст куыд рацаразгæ у, уый. Тарскæйы полигоны бацархайдтой 6 тыхджын хæддзæугæ гарзы «МСТА-С», зæгъгæ. Уыдон сты, теори хорз чи зоны æмæ сæрмагонд цæттæдзинад кæмæ ис, ахæмтæ. Сармадзанты уæз у 46 килограммы. Уымæ гæсгæ æфсæддонтæ хъуамæ физикон æгъдауæй дæр хорз цæттæ уой. Ахуырты мæнг цаумæ гæсгæ, патрулы рæстæг æнæпилотон тæхæг гарз «ОРЛАН-10» хæхбæсты æнæзакъон змæлд сбæлвырд кодта. Уыцы бæрæггæнæнтæ артиллеристтæм уайтагъд фæхæццæ сты, къамандыгæнæг бахæс кодта уæззау техникæ бацæттæ кæнын.
Артиллеристтæ бакустой бæлвырд æмæ иумæйагæй. Зымæгон быдырон ахуыртæн нырма сæ райдиан у, æртæ мæйы фæстæ æфсæддонтæ сæхи цæттæ кæндзысты уалдзыгон ахуыртæм, дарддæр — сæрдыгон. Æмæ афтæ афæдзы дæргъы.
Гæззаты Зæринæ
















