Театр «Саби» йæ чысыл театрдзауты зæрдæтæ кæддæриддæр бахъæлдзæг кæны цымыдисаг спектакльтæй. Алы равдыстмæ дæр театры актертæ сæхи бæстонæй бацæттæ кæнынц. Сæ куысты бавæрынц сæ уд, кæд зындзинæдтимæ æмбæлынц, уæддæр. Зæгъæм, ныртæккæ театры бæстыхай у бындуронæй цалцæггæнинаг, заууат уавæрмæ æрцыд. Хæрзæрджы йæ бахастой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон программæмæ «Культурæ малой Родины»-зæгъгæ. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы.
Уырыссагау куыд фæдзæгънц, театр, дам райдайы дзаумаауындзæнæй. Фæлæ ацы уац сывæллæтты театр «Саби»-мæ нæ хауы. Фыццаг бакастæй аивадуарджыты цæстытыл ауайы мæнæ ахæм заууат бæстыхай. Цы агуыридуртæй конд у, уыдон æнусы дæргъы кæм къæдзтæ ныййысты, кæм та ма кæлгæ дæр ныккодтой. Кæд 100 азы рацыд, уæд йæ бацалцæг кæныны хъуыды нырма фыццаг хатт разынд.
Театры кæрт дæр кæлæддзаг уавæры ис. Зынгсирвæзтыты рæстæг дзы цы сæрмагонд асин ис, уымæ вналгæдæр никуы бакодтой. Къултæ ныккæлыны*ввонг сты, быру дæр афтæ. Лыстæг цалцæггæнæн куыстытæ театры цалдæр азы размæ кодтой. Уæд сæм фæкаст республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Базылдысты театры бахызæнмæ æмæ залмæ.
Театры фылдæр хайæ никуыд пайда кæнынц – æдасдзинадæн дзы тæссаг у. Афтæмæй, актертæн нæдæр æрмадзтæ ис, нæдæр гримеркæтæ. Репетицитæ кæм кæной, ахæм бынатæй дæр цух сты. Æрæджы театр бахастой федералон программæйы хыгъдмæ. Уыимæ ма, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы программæмæ «Культурæ малой Родины», зæгъгæ. Цы æхцайы фæрæзтæ рахай кодтой, уыдонæй фæнд кæнынц театр капиталонæй рацаразын. Балхæндзысты хъæугæ кусæнгæрзтæ дæр.
Цацлцæджы нысангонд проект цæттæ у. Куыстытæ райдайдзысты иннæ аз, хъавынц сæ цыбыр рæстæгмæ фæуын, фæлæ ахсджиаг у – арæзтады хæрзхъæддзинад.
Цалынмæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуой, уæмæ театр йæ архайд нæ бауромдзæн. Сæ аивадон программæ дæр нысангонд у. Разæй нырма юбилеон сезон ис.
















