Нæ дарддæры æрмæджы хъайтарæн йæ риссагдæр фарста иуварсгонд æрцыд, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ йæ курдиатимæ куы фæсидт, уый фæстæ. Токаты Эдуард фæндаггон фыдбылызы бахауд. Уый фæстæ йе ‘нæниздзинад фæцудыдта. Йæ къахыл нал слæууыд. Йæ хæдзарæй рахизынӕн æй хъæуы сæрмагонд ифтонггарзæй спайда кæнын.
Токаты Эдуард аст азы размæ бахауд фæндаггон фыдбылызы. Бирæ рæстæг фæци реанимацийы, уый фæстæ реабилитаци. Йæ цард цæхгæрмæ кæй фæивта, уый бамбæрста фæстæдæр. Эдуардæн йе ‘нæниздзинад фæцудыдта. Ныртæккæ ахуыр кæны йæ авналæнтæм гæсгæ цæрыныл.
Хуымæтæг адæймагæн æнцон цы хъуыддæгтæ сты, уыдон Эдуардæн зын бакӕнӕн сты. Йæхи хæдзарæй дæр йæ бон рахизын нæу. Йæ фыд æмæ йын йæ хæлæрттæ сæхæдæг сарæзтой æмæ сæвæрдтой сæрмагонд исæн платформæ. Фæлæ авд азмæ фехӕлд ӕмӕ пайда кæнынмæ нал бæззыд. Цардæн тæссаг сси. Ног ифтонггарзы тыххæй курдиатимæ фæсидт республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ. Фарста аиуварс кæнын къухы бафтыд цыбыр рæстæгмæ.
Эдуардæн уæгъд рæстæг æппындæр нæй. Искæй æххуысæй нал хъæуы. Раст ма йæхæдæг дæр цæттæ вæййы искæмæ фæкæсынмæ. Таксийы кусы. Хурбон уа, къæвда уара – ӕрвылбон алкæддæр вæййы хъæугæ бынаты.
















