Йæ куыстыл иузæрдион æмæ фæллойкæнынадыл æнувыд. Ахӕм хорзӕхты æххуысæй Торчынты Альбинæ нывӕнды йæ алы куыст дæр. Сӕ фæрцы саразы Дзæуджыхъæуы цымыдисаг архитектурæйы ирд æвдисæнтæ. Нывгæнæг æлыг ӕмӕ мыдзадзæй аразы цымыдисаг арæзтадтæ.
Уымæй уæлдай-ма кинотеатр «Родина», ЗАГС, филармони æмæ Тугъанты Махарбеджы номыл музей. Торчынты Альбинæйы дарддæр дæр цымыдис кæны рагон Дзæуджыхъæуы архитектурæ. Йæ уынаг цæстæй фены арæзтадты фæлгонцты суанг, иннӕты цӕст кӕй нӕ ацахсы, ахӕм лыстæгдзинӕдтӕ дæр. Дзырдæн зæгъæм, балкъонты зырнæйзылдтытæ, дуæрттӕ æмæ рудзгуыты формæ. Алы миниатюрæ дæр у æцæг аивадон фæзынд. Фылдæр хатт размæвæрд нысанмæ сахатгай, бонгай фæтырны.
Альбинæмæ æрмдæсныйы курдиат кæй ис, уый йæ гыццылæй дæр бæрæг уыд. Цавæрдæр хуымæтæг дзауматæй-иу сарæзта цымыдисаг æмæ зӕрдӕмӕдзӕугӕтæ. Спайда-иу кодта алыхуызон æрмæджытæй – мыдадзӕй, æлыгӕй, ахорæнтæй, суанг ма къуымбилæй дæр. Йæ куыстыты ‘хсæн ис нывæфтыдтæ, хъазæтæ, ахорӕнтӕй ахуырст тæбæгътæ. Йæ бирæвæсыг курдиаты фæрцы аххæссыд аивады бирæ къабæзтыл. Стыр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæй бафтыд, уый, æрмæст куыстуарзаг кæй у, уый фӕрцы нæ, фæлæ йæ алы куысты дæр зæрдæйы хъарм кæй бауадзы, уый тыххæй. Авторы алы куыстæн дæр ис йæхи истори.
Альбинæйы арæхстджын къухты хуымæтæджы æлыг цæсты фæныкъуылдмæ фесты историон арæзтады, мигæнæнты кӕнӕ дзæнгæрджыты макет. Йæ къухы бафты адæймæгты фӕлгонцтӕ дæр скæнын. Йæ куыстыты ‘хсæн ис, йæ зæрдæйы уæлдай бынат чи ахсы, ахæмтæ дæр.
Альбинæйы къухтæй кæд иу æмæ дыууæ куысты нæ рацыд, уæддæр ууыл ӕрлӕууынмӕ нæ хъавы. Ис æм бæллиц. Фæнды йæ Сабырдзинады проспект райдианæй кæронмæ скæнын.
















