Нæ бæстæйы дарддæр цæуы цæрджыты æппæтуæрæсеон рафыст. Акцийы онлайн-хуызы бацархайыны фадат адæмæн ма ис ацы къуыри дæр – адæргъвæтин æй кодтой.
Рафыст ацæуæн ис паддзахадон лæггæдты порталы компьютерæй куыд спайдагæнгæйæ, афтæ чырæ телефоны сæрмагонд уæлæфтуаны ‘руаджы дæр. Афтӕмӕй, специалистты ныхæстæм гæсгæ, æвзæр эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, адæмы æнæниздзинад дæр бахъахъхъæнæн ис.
Рафысты дзуапп раттын хъæуы 30 фарстæн. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ сæмбырд кæндзысты демографион, социалон æмæ экономикон бæрæггæнæнтæ хицæн регионтæ, хъæутæ æмæ горæтты.
















