Цæгат Ирыстон архайы æппæтæуæрæсеон патриотон акцийы. Арæзт æрцыд Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фарсмæ баллæуыны нысанимæ.
Акцийы архайджытæ уыдысты Æрджынарæджы æмæ Барбашовы фæзы. Цыртдзæвæнты цур сæвæрдтой дидинджытæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æдзард хæстонты ном æрымысыдысты минут æдзæмæй алæугæйæ. Мадзал арæзт цæуы “Уæлахизы сырх базыртæ”, зæгъгæ, æппæтуæрæсеон автомобилон дугъы фæлгæты. Йæ сæйраг хæс у фыдæлты хæзнатæ хъахъхъæнын, сæ æхсардзинад æмæ фæразондзинад хъуыды кæнын æнусты дæргъы. Балцвæд аххæссыд Дагестан, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар æмæ Стъараполы крайыл. Кæронбæттæны та акцийы архайджытæ сæрмагонд æфсæддон орперацийы бынатмæ хæстонтæн арвитдзысты гуманитарон æххуыс.
















