Цæгат Ирыстон бацархайдзæн æппæтадæмон акци «Сад памяти» -йы. Йæ фæлгæты фæзындзæн Хъæбатырты Аллей. Акци ацæудзæн 18-æм мартъийы. Дзæуджыхъæуы Уæлахизы парчы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты номыл ныссадздзысты 79 бæласы талайы. Не ’мзæххон хъайтарты номыл мадзал сбастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бонимæ.
Аразынц æй æхсæнадон змæлд «Волонтёры Победы» Уæрæсейы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады æххуысæй. 18-æм мартъийæ 22-æм июнмæ æгас Уæрæсейы ныссадздзысты 27 милуан талайы. Æдæппæтæй та афæдзы дæргъы зæххы сæ уидæгтæ ауадздзысты 75 милуан талайы. Ахæм хæс йæ размæ сæвæрдта æрдз хъахъхъæнынады министрад. Цæгат Ирыстоны æдæппæтæй ныссадздзысты 89 мин 934 талайы. Мысæн мадзалæй ссардзысты, хæсты чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый ма ферох кæнынæн «Сад памяти» у хорз бавæрæн. Социалон проекты фæрцы йæ аразджытæ фæнд кæнынц уæрæсейæгты иудзинад фидардæр кæнын.















