Цæгат Ирыстон фыццаг хатт архайдзæн Уæрæсейы националон театрты фестивалы. Уый тыххæй фехъусын кодта уырыссаг театры аивадон разамонæг Владимир Уваров.
Сентябры Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты нæ бæстæйы раззагдæр сфӕлдыстадон къордтæ Башкортостан, Чуваши, Дагестан, Хъалмыхъ, Республикæ Марий Эл æмæ Мордовийæ. Фестиваль байгом кæндзæн спектакль «Душечка» петербургаг театр «Балтийский дом». Кæронбæттæны та равдисдзысты Вахатнговы номыл уырыссаг академион театры æвæрд спектакль «Сотворившая чудо».
Фидæны ма фæнд кæнынц артисттæн дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, тымбыл стъолттæ æмæ фембæлдтытæ саразын. Сæрмагондæй режиссёр Кама Гинкасимæ. Райдайдзысты дыууæрдæм гастрольтæ Тверь, Махачкала, Санкт-Петербург, Азербайджан æмæ Мæскуыимæ. Фыццæгæм октябры та нæ уырыссаг театры аивадуарджыты размæ рахæсдзæн спектакль «Маскарад».















