Фыццаг æххуыс бакæнынæй къам исыны онг. Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны национ чемпионат “Абилимпикс”-мæ. Бæстæйы сæйраг инклюзион ерыстæм ацæудзысты 13 адæймаджы. Мæскуыйы сын сæ архайдæн аргъ кæндзысты 289 эксперты Уæрæсейы 54 регионæй. Куыд цæттæ кæнынц сæхи финалисттæ? Нæ уацхæсджытæ радзурдзысты.
Æмæ ноджыдæр æлхъывдад, тæвд æмæ туаггуыры бæрц туджы. Конкурсон хæслæвæрды рæстæг хъуамæ пациентимæ аныхас кæнай æмæ базонай, цæмæй тыхсы. Джыккайты Дианæ Абилимпиксы фыццаг хатт нæ архайы. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты стоматологон факультеты студенткæ æвзарæн къæпхæны Хъазаны фыццаг бынат райста.
Дианæйы архайдмæ цæст дары йæ зондамонæг. Зассеты Иринæйы зæрдæмæ цæуынц йæ ахуыргæнинаджы хъæддыхдзинад æмæ нысантырнæн миниуджытæ. Чемпионатмæ цæттæ кæныны куыст ахсджиаг у. Иумæ æрдзурынц зындæр фæлтæрæнтæ æмæ уавæртыл. Афтæ цыфæнды æнæнхъæлæджы сæвзæргæ хæслæвæрд дæр сæххæст кæндзæн чызг.
— Ам, сæрмагонд фæзуатыл, фæкусæм йæ хæслæвæрдтыл. Æппæт лыстæгдзинæдтыл бакусын — нæ хæс. Цæмæй сæ æдæрсгæйæ сæххæст кæна цыфæнды уавæрты дæр. Мидтыхст та, æнæмæнг, вæййы финалы. Æмæ йыл хъуамæ фæтых уа. Уымæй уæлдай, нæ ныхмæлæуджытæ сæхи куыд дардзысты, уый дæр ничи зоны. Уæдæ ифтонггарз æмæ æууæлтæ дæр финалы ивд æрцæуынц. Æмæ Дианæ хъуамæ ма тæрса уымæй. Равдиса иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.
Йæ нысанмæ фидар къахдзæфтæ кæны Тургиты Гиуæрги дæр. Сæрмагонд операцийы бынаты уæззау цæф куы фæци, уæд йæ фарсмæ æрбалæууыдысты “Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты” фонды. Социалон координатортæй базыдта æркасты тыххæй æмæ йæ тыхтæ бафæлварын сфæнд кодта. Æфсæддон зæрдæ дары, æнтыстджын кæй рауайдзæн йæ архайд.
— Цæттæ дæн, кæй зæгъын æй хъæуы. ныфс ма уый дæр дæтты, æмæ Боциты Тотрадзимæ дыууæйæ нæ цæуæм, фæлæ ма немæ бирæ фæсивæд уыдзæн. Мæ ных сарæзтон уæлахизмæ. Кæннод цæмæн архайын ерысты.
Жюри æнæбафиппайгæ нæ фесты Илаты Русланы дæсныдзинад дæр. Æвзарæн къæпхæны рæстæг компетенци “Фотограф”-ы фыццаг бынат бацахста. Кусы сывæлæттæ æмæ фæсивæды туризм æмæ экскурситы центры. Мæскуыйы чемпионаты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ уыдзысты 13-æй. Конкурсантты ‘хсæн æфсæддон операцийы дыууæ архайæджы. “Абилимпикс” хуымæтæг ерыс нæу. Æркасты фæрцы мингай адæймæгтæ равдыстой, сæ гæнæнтæ æгæрон кæй сты.
— “Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты” фондимæ æмгуыст кæнæм æппынæдзух. Архайджыты цæттæ кæнынæн цыдæриддæр хъæуы, уый аразæм. Мах зæрдæ дарæм сæ уæлахизыл. Хъуамæ хорз бæрæггæнæнтæ равдисой. Бафтауын ма мæ фæнды, июлы Хъазаны уыд национ чемпионаты æвзарæн къæпхæн. Уым нæ архайджытæ дыууæйæ систы хуыздæртæ.
Ацы аз национ чемпионат “Абилимпикс”-ы девиз у “Арæнтæ нæй — æдæрсгæйæ архай”, зæгъгæ. Уæлахиздзаутæн ратдзысты æхцайы сертификаттæ. Схардз сæ кæндзысты реабилитаци, кæнæ дарддæры ахуырыл.
















