Цæгат Ирыстон райсом сбæрæг кæндзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 78-æм азы бон. Бæрæгбоны программæмæ ацы аз бахастой ивддзинæдтæ. 9-æм май райдайдзæн парадæй Сæрибардзинады фæзы. Æнæмæлгæ полчы цыд ацы аз нæ уыдзæн. Акцийы архайджытæн сæ хъайтарты нæмттæ æрымысыны тыххæй сарæзтой ног гæнæнтæ. Æппæт мадзæлтты тыххæй дæр нæ дарддæры æрмæг.
Парады архайджытæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Алцæуыл дæр сæ хъуыд бакусын. Бон раздæр Дзæуджыхъæуы уыдис йæ генералон репетици. Парады архайдзысты 58-æм æфсады службæгæнджытæ, мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты уæнгтæ, йæ цард æфсæддон хъуыддагимæ бабæттын кæй фæнды, уыцы æрыгон фæлтæры минæвæрттæ. Уæлахизы парад райдайдзæн 10 сахатыл Сæрибардзинады фæзыл.
Бон раздæр куыд сбæрæг, афтæмæй Сæрибардзинады фæзы ацæудзæн бæрæгбоны концерт. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ аргъ скæндзысты хæстон зарджытæн. Схъæлдзæг сæ кæндзысты сæ уарзон артисттæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Патриотон мадзал райдайдзæн изæры 8 сахатыл.
Ацы аз «Æнæмæлгæ полк»-æн йæ архайджыты иннæ хæттыты хуызæн уынгты ничи фендзæн. Ахæмтæ сты цæрджыты æдасдзинадимæ баст домæнтæ. Фæлæ хæсты архайджыты нæмттæ рох нæ уыдзысты. Ивгъуыды хъайтартæ стыр кады аккаг сты. Æрымысын сæ кæй бафæнда, уыдонæн уыдзæн бирæ ног гæнæнтæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты портреттæ равæрæн ис социалон хызæгты, уæлæдарæсыл æмæ хæдтулгæты æвгтыл. Бæдтиаты Григорий Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтарты портреттæ ныммыхуыр кодта сæ мыггаджы газеты сыфтыл. Йæ фыццаг номыр рацыд мæйы райдиан , йæ тираж у 1000 экземплярмæ хæстæг.
Цæгат Ирыстон цæттæ у Уæлахизы бон бæрæг кæнынмæ. Кадджын мадзæлтты архайдзысты иууылдæр: райдай суанг республикæйы разамындæй æмæ фæу сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæй. 78 азы рацыд, фæлæ тугæй æлхæд бонæн йæ кад нæ фæцуддзæн! Хæсты удæгас æвдисæнтæ афæдзæй-афæдзмæ кæнынц къаддæр æмæ алкæйы хæс дæр у уыдоны æгæрон узæлдæй буц дарын. Тохы быдыры чи нæ уыд, фæлæ йæ царды базыртæ тугкалæн бонтæ кæмæн басыгътой, уыдоны дæр. Уæлахизы кадджын бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
















