«Посылка солдату» акцийы фæлгæты Цæгат Ирыстонæй æфсæддон операцимæ радон хатт æрвыст æрцыд гуманитарон æххуыс. Сæрмагонд уæлæдарæс, хойрæгтæ хъæугæ дзауматæ. Æдæппæтæй æххуысы уæз у 14,5 тонн.
Алы дзæкъулы дæр сабитæй фыстæджытæ нæ æфсæддонтæн. Сывæллæттæ сын бузныг зæгъынц сæ хъайтардзинадæн. Фыссынц куыд тынг сæ фæнды, цæмæй тагъддæр сæздæхой сæ хæдзæрттæм.
















