Цæгат Ирыстон æрбамбырд кодта авиамоделон спортуарзджыты. Хуыздæрты сбæрæг кодтой уæлдæфон тохы. Джызæлы аэродромы ацыдысты ерыстæ планеристты хсæн. Спортменты арæхстдзинад федтой нæ уацхæсджытæ дæр.
Æркусыны размæ уал архайджытæ лæмбынæг æркæсынц сæ хæдтæхджытæм. Мотортæ фæсыгъдæг кæнынц. Уый у æнæмæнг хъуыддаг. Науæд сæ бон у ратæвд уæвын æмæ хæслæвæрдтæ нæ сæххæст кæнын, зæгъынц спортментæ.
Тæрхонгæнджыты амындмæ гæсгæ, хиконд хæдтæхджытæ цæстыфæныкъуылдмæ цъæх арвмæ атындзынц. Джызæлы аэродромæй дардмæ фæхъуысы авиамоделты чысыл моторты хъæр.
Уæлдæфон тохы архайынц дыууæ спортсмены. Авиамоделы кæрон бабæттынц æртæ метры дæргъæн лент. Тæхæджы сæйраг хæс — ныхмæлæууæджы лент пропеллерæй æрцыбыртæ кæнын. 4 минутмæ хъæуы ныхмæллæууæджы къæдзил ныллыгтæ кæнын. Лентæй цал гæппалы æрхауа, уал баллы дæ фæуыдзæн. Юрий Манучаров ссыд Минводæй. Авиамоделированийы архайы 16-æм аз. Уæлдæфон тохы классификацийы æнтыстджынæй архайы алыхуызон ерысты. Йæ тыхтæ бафæлварынмæ æрвылаз æрцæуы Цæгат Ирыстонмæ дæр.
Уагæвæрды фæткмæ кæсынц тæрхонгæнджытæ. Сæхи фæлварынц куыд спорты мастертæ, афтæ æрыгон тæхджытæ. Æдæппæтæй 6 экипажы. Алчидæр сæ у æнувыд ацы спортыл. Ахсджиаг у, цæмæй техникæ уа фидар, уымæн авиамодельтæ тæхджытæ фæаразынц сæхæдæг.
Хъуыдыкæнынад, реакци æмæ инженерон миниуджытыл бакусынæн ацы спорт у пайда. Хуыздæр кæнынц спортменты уавæртæ дæр. Нæ республикæйы авиамоделированийы архайджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны.
Æрвылазон чемпионаты Цæгат Ирыстоны бацархайдтой нæ республикæ æмæ Стъараполы крайæ æрцæуæг спортментæ. Уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæх кодтой кубоктæ æмæ майдантæй.
















