Цæгат Ирыстоны 2020-æм азы радтой 772 ипотекæйы кредиты, 6,5 афæдзон процентмæ гæсгæ. Æдæппæтæй та Цæгат Кавказы рахай кодтой 5 мин иппотекæйы льготæтимæ.
Уый фехъусын кодтой Регионæн разамынд дæттæг центры. Уæвгæ, ногарæзт бæстыхæйтты фатерты ипотекон субсидиты программæ кусын райдыдта бæстæйы президент Владимир Путины фæдзæхстмæ гæсгæ. Йæ сæйраг нысан уыд – короновирусы уавæртæ хынцгæйæ, арæзтады къабаз фæцудын ма бауадзын. Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин куыд загъта, афтæмæй программæ цас кусы, уæдæй нырмæ радтой 450 мин кредиты. Йӕ руаджы фæфылдæр ногарӕзт цæрæнуæтты бæрц.
Программæйы бацархайдтой Уæрæсейы 85 регионы цæрджытæ. Фылдæр ипотекæйæ спайда кодтой Петербург, Мæскуы, Мæскуыйы облæсты, Краснодары крайы æмæ Свердловскы облæсты цæрджытæ.
















