Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорты архайд алыхуызон у. Иуæй-иу маршрутыл цалдæр минутмæ сбаддзынæ æхсæнадон транспорты. Кусынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Иннæтæм та бахъæуы анхъæлмæ кæсын. Вæййы афтæ, æмæ сахаты ‘рдæг дæр. Изæрыгон та сæ уæвгæ дæр нæ фендзынæ. Уавæр цæмæн афтæ у æмæ йæ хорзырдæм куыд аивæн ис?
Райсомы 6 сахаты 35 минуты. Маршрутон такситæ куыстмæ рацыдысты. Иуæй иннæйы ‘хсæн 8-10 минуты, афтæмæй. Суанг æхсæвы 10 сахатмæ Дзæуджыхъæуы цæрджыты ласдзысты хъӕугӕ бынӕттæм. Шофыртæ æнаиппæй ӕххæст кæнынц сæ куыст. Уыимæ ма æнæзивæгæй зилынц сæ хæдтулгæтæм. Æрæджы сын радтой æппæт домæнтæм гӕсгӕ дӕр бӕзгӕ ног хæдтулгæтӕ. Æмæ уымæй райгонд сты.
Не`сфæлдыстадон къорд абалц кодта 50 маршруты фæндагыл. Сбæлвырд кодтам, æхсæнадон транспорты куыст цас раст арæзт цæуы, уый. Сæрмагонд æрфарсты руаджы базыдтам лæггæдтæй пайдагæнджыты хъуыдытæ. Се ‘хсæн хъастгæнджытæ нæ разынд.
Æхсæнадон транспорты куыстæй разы чи нæу, ахæмтæ дӕр разынд. Сӕ кæцыдæртæ фæтк не ‘ххæст кæнынц, афойнадыл нæ рацæуынц. Уымæ гæсгæ, цæрджытæ суанг сахаты ‘рдæг дæр лæугæйæ баззайынц. Цæмæй æнхъæлмæгæсджытæ афойнадыл сæ куыстмæ бахæццæ уой, æмæ сӕм уайдзæф ма ‘рхауа, уый тыххæй сæ бахъæуы спайда кæнын таксийы лæггæдтæй.
Уагхæлдтыты сæйраг аххос базоныны фæнд скодтам бригадирæй. Уый нын куыд загъта, афтæмæй сæм шофыртæ фаг нæй, уæдæ пассажиртæй дæр цух ӕййафынц. Фæнысан ма кæнын хъæуы уый дæр, æмæ, пандемийæйы размæйы рӕстӕгимӕ абаргæйæ, ныр æхсæнадон транспорты лæггæдтæй кæй пайда кæны æрмæстдæр нæ горæты цæрджыты æртыккаг хай. Уый дæр куыст къуылымпы кæны.
Ныридæгæн 33 маршрутыл рацæуынц æрмæстдæр 6 автобусы. Амалхъом адæймаг Сланты Феликс, йæ бон куыд у, афтæ йæхи хъарутæй архайы фарста аиуварс кæныныл. Æххуыс кæны шофыртæн, агуры, сæ къух сын чи фæрогдæр кæндзæн, æхæмты, ома, ног шофырты. Зæрдæ дары, фидæны ацы фарст лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл.
















