Ацы спорты хуыз азæй-азмæ канд нæлгомæгты ‘хсæн нæ парахатдæр кæны. Æнтысджынæй дзы архайынц сылгоймæгтæ дæр. Нæ æрмæджы хъайтарты иу кæны футболмæ уарзондзинад. Сæ арæхстдзинады руаджы та сæ къухы бафтыдысты бæрзонд æнтыстдзинæдтæ.
Ацы чызджытæ футболæй лæппутæй æвзæрдæр нæ хъазынц. Æрыгон æмæ æнтыстджын. Сæ цæстæнгасыл та бæрæг у, æрмæст уæлахизмæ кæй тырнынц. Суанг ма тренировкæты дæр ныхмæлæуд хуымæтæг нæ рауайы. Сылоймæгты футболы хъæуы арæхстджын уæвын.
Командæйыл афæдзы æрдæг йеддæмæ нæ цæуы. Фæлæ уыцы æмгъуыдмæ сæ къухы чысыл æнтыстытæ нæ бафтыд. Суанг ма бæстæйы раззагдæр клубтæ дæр сцымыдис сты. Хуыбылты Камиллæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыста Новороссийскы турниры. Сси хуыздæр бамбардир.
Академийы, кармæ гæсгæ, архайы æртæ къорды. Кæстæр, астæуккаг æмæ хистæр. Клуб сарæзтой Уæрæсейы футболы цæдисы бардзырдмæ гæсгæ. Æппæт бæстæйы дæр арæзт цæуынц ног алыхуызон ерыстæ. Специалисттæ архайынц чызджыты æргом футболмæ раздахыныл.
Дарддæр иугонд командæ цæттæ кæндзысты Сочийы турнирмæ. Хистæр тренеры ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы гæнæн ис, æмæ сæ къордмæ райсой ног курдиæтты. Ныртæккæ ууыл æнтыстджынæй архайынц.
















