Азы райдианæй Цæгат Ирыстоны æрцыд 834 зынгсирвæзты. Ирвæзынгæнджыты руаджы, арты уацарæй фæрвæзын кодтой 47 адæймаджы, 5 дзы сты сабитæ. Æвиппайды зынгсирвæзт кæм æрцыд, ахæм бынæттæй æвæстиатæй рацæуын кодтой 518 адæймагæй фылдæр. Се`хсæн 20 сывæллоны. Зынгсирвæзтыты рæстæг фæмард 5 адæймаджы, семæ иу сывæллон, 16-æн та се ‘нæниздзинад хъагдард баййæфта. Ахæм фыдбылызты рæстæг ирвæзынгæнджытæ адæмы исбонад бахъахъхъæдтой 190 милуан сомы аргъæн. Профилон министрады куыд зæгъынц, афтæмæй 834 зынгсирвæзтæй 648 цауы æрцыд, адæм кæм нæ цæрынц, ахæм рæтты.
Сæйрагдæр аххосæгтыл нымайынц, артимæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ архайдтой, уый. Уыимæ ма газы æвæрæнтæ æмæ электрон куысæнгæрзтæй раст пайда кæй нæ кæнынц, уый тыххæй. Æрдзон зынгсирвæзтытыл банымайæн ис 372 цауы. Сывæллæты фыдуаг миты тыххæй та æрцыд 5 зынгсирвæзты. Профилон министрады кусджытæ адæммæ сидынц, цæмæй уой къæрцхъусдæр. Исты фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæной сæрмагонд номыр 01-мæ.
















