preloader
сейчас в эфире
12:57
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
Идиот (9,10 серия) 12+
15:15
Адæмон 12+
15:30
МУЗЫКÆ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Цæгат Ирыстоны аразынц экологон постытæ

19.05.2023 13:13

Бынæттон администрациты архайды хатдзæгтæ фенæн уыдзæн мæйы кæрон. Хынцгонд уыдзысты санитарон уавæртӕ, уыимæ аивгæнæн æмæ сыгъдæггæнæн мадзæлттæ.

Арæзтадон æмæ хъæбæр хауæццæгтæ та тыхсын кæнынц республикæйы цæрджыты. Мæймæ рабæрæг 80 æнæзакъон бырондоны. Уалдзæджы бæлæстæ дидинæг куыд ракалынц, афтæ сæ “хуыз скалынц” æмæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц æнæзылд бынæттæ. Цæй аххосæй, уый базыдтой нæ уацхæджытæ.


Дзæуджыхъæуы ног микрорайоны рæзынц цардархайды хауæццæгты обæуттæ. Бырон калынц бынæттон цæрджытæ сæхæдæг. Уæвгæ, уавæр хуыздæр нæу районты дæр. Хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы статистикæмæ гæсгæ, хор кæнæ халсартæ кæм зайын кæнынц, уыцы быдырты дæр быроны обæуттæ фæзындысты. Цыппар мæймæ дзы бырон апарахат гектар æмæ ‘рдæджы фæзуатыл. Фаронимæ абаргæйæ, уый у æртæ хатты æвзæрдæр бæрæггæнæн. Мораторийы аххосæй та инспектортæн æнæ прокуратурæйы амындæй рейдтæ аразæн нæй.

Афтæ дæр вæййы, æмæ фермеры хæдзарад куыдфæндыйы цæстæй ракæсы специалистты рагвæдзæхстмæ. Уæд сæм арвитынц тæрхондоны фæдыл æртхъирæнгæнæн гæххæт. Нымад æрцæуы, мæрæн цы зиан хаст æрцыд, уый. Хъуыддаг ма къуылымпы кæны, се ‘ппæт зæххытæн хицау кæй нæй, уый дæр. Афтæ уайы, æмæ кæд нæй дзуапдæттæг, уæд закъон дæр ничи фæкъахыр кодта.

Сыгъдæгдзинадыл тох кæнынц æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады. Мæймæ рабæрæг кодтой 80 æнæзакъон бырондоны. 41дзы ныридæгæн бафснæйдтой. Бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттӕ æмæ пъæлицæйæгтимæ арæзт цæуынц экологон постытæ. Сæвæрдзысты сæ, æппæты арæхдæр фæткхæлдтытæ кæм цæуы, уым æмæ æнæзылд бынæтты цур. Бынæттон администрациты архайды хатдзæгтæ фенæн уыдзæн мæйы кæрон. Хынцгонд уыдзысты санитарон уавæртӕ, уыимæ аивгæнæн æмæ сыгъдæггæнæн мадзæлттæ.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все про авто I Доброе утро, Осетия!
3.06.2026
Йæ рæстæгыл I Дзанайты Ольгæйы фæстаг фæндараст æмæ мыггæгты ног чиныг
2.06.2026
02.06.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
2.06.2026
01.06.2026 I Самое время
1.06.2026
День защиты детей I Доброе утро, Осетия!
1.06.2026
Древняя архитектура Осетии I Ирон и Я
31.05.2026
Пищевая непереносимость I Медикум
31.05.2026
Бугаты Зæринæ I Дзӕнгӕрӕг
31.05.2026
Суанты Симоны фырт Хъазыбег I Æнусон фарн
30.05.2026
Все рекомендуемое