Хъæууон хæдзарады министр радзырдта, хоры куыст чи кæны, уыдонæн æххуысы мадзæлттыл. Дарддæр дæр дæттынц льготон тарифмæ гæсгæ субсидитæ хор ласгæйæ æфсæнвæндаджы хæрдзтæн. Кæд фарон ацы хъуыддагæн рахай кодтой 5 млрд сомы, уæд уал ацы аз та æрвыст æрцыд 6 млрд сомы.
Аграрийтæн комкоммæ æххуысы фæлгæты та хор зайын кæныны æмæ уæй кæныны хъуыддагæн 1 тоннæйæн компенсацийы хуызы дæтдзысты 2 мин сомы. Хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушев цы бæрæггæнæнтæ фæнысан кодта, уыдонмæ гæсгæ ацы аз фæнд кæнынц æрзайын кæнын 123 милуан тоннæйы хор, уыдонæй 78 милуан тоннæйы у мæнæу. Афтæмæй бантысдзæн бæстæйы базарадæн хоры бæрц баххæст кæнын, уыимæ ма экспорт дæр æххæст кæнын. Хъæууон хæдзарады министр зæрдæ бавæрдта, тауæн куыстытæ фæткмæ гæсгæ кæй æххæстгонд цæуынц, уый. Ацы аз Уæрæсейы хоры быдырты фæзуат 85 милуан гектарæй фæфылдæр уыдзæн.
















