Цæгат Ирыстоны ацыд ахуырадон-ирхæфсæн хъазт «Будем знакомы». Мадзал сбастой адæмты иудзинады бонимæ. Хъазты бацархайдтой 12 командæйы бæстæйы алы регионтæй — Татарстан, Сомих, Узбекистан, Азербайджан.
Æдæппæтæй 120 архайæджы. Хъазт арæзт у 7 хайæ. Æппæты дæр фӕйнӕ 7 фарстайы. Хæслæвæрдтæ баст уыдысты истори, георгафи æмæ культурæимæ. Хъазт саразыныл бакуыста Цæгат Ирыстоны Национ политикæйы министрад.
















