Цæгат Ирыстоны фæсаууон куыст чи кӕны, уыдоны нымæц 6 мин адæймаджы фæкъаддæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Къамисы уæнгтæ хатдзæгтæ скодтой 9 мæйæн. Премьер фæбæрæг кодта, ацы къабазыл кусын ахсджиаг кæй у. Уæлдайдæр та, нысангонд санкциты рæстæг. Закъоны рæзты цæугæйæ, канд æмбырдгонд хъалонтæ нæ къаддæр кæнынц. Арæх хæлд æрцæуынц цæрджыты фæллойадон бартæ дæр. Хъуыддаг зынгæ ахады республикæйы экономикон уавæрыл дæр, – бафтыдта Дзанайты Барис.
Куыстдæттыны комитеты разамонæг Платы Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ, фараст мæймӕ рабæрæг ис, закъонмæ гæсгæ йæ куыстуат чи нæ фӕнысан кодта, ахæм 6 590 адæймаджы. Премьер районты разамонджытæм фæсидт, цæмæй афæдзы кæронмæ ацы фарстамæ уæлдай æргом аздахой.
















