Цæгат Ирыстоны covid-æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 151. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 47 адæймаджы. 2 231 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. Æдæппæтæй covid-ы аххосæй республикæйы фæмард 58 адæймаджы.
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 906 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та – 7 212 адæймаджы.
















