Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны коронавирус рабæрæг кодтой ноджы 36 адæймагмæ.
Афтæмæй тæссаг низ кæмæ ис, уыдоны нымæц сси 3 513. 3 165 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени.
Дохырты цæстдард ис 824-мæ. Сovid -ы аххосæй республикæйы фæмард 58 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц у 7 842 адæймаджы.
















