Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министрады снысан кодтой сæрмагонд къамис. Йæ сæйраг хæс – фæкæсынцух бинонтæн социалон æххуыс кæнын.
Абон кусæг къордæн уыд фыццаг æмбырд. Архайдтой дзы экономикон райрæзты министрады, куыст дæттыны комитеты æмæ амалхъомадæн æххуысы фонды минæвæрттæ, æхсæнады уæнгтæ. Мадзалы æркастысты æххуысцух бинонты гæххæттытæм, адæмæн социалон субсидитæ кæй фæрцы фидынц, уыдонмæ. Æмткæй райсгæйæ, мæгуырдзинады ныхмæ тохы проекты архайынмæ сæ курдиæттæ балæвæрдтой сæдæгæйттæй. Къамисы уæнгтæ дзы 41-æн радтой разыйы дзуаппы.















