Цæгат Ирыстоны Гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ацыд этнологийы хайады сæргълæууæг Цыбырты Людвигимæ фембæлд-конференци. Кадджын мадзал сбастой Цыбырты Людвигы 90 азы юбилеимæ.
Историон наукæты докторæн раарфæ кæнынмæ республикæмæ ссыдысты профессортæ, ахуыргондтæ, академиктæ æгас Цæгат Кавказæй æмæ Мæскуыйæ. Æрбацæуыны фыдат кæмæн нæ фæцис, уыдон та æрбарвыстой арфæйы фыстæджытæ. Кадджын мадзалы архайджытæ фæнысан кодтой Цыбырты Людвигы егъау бавæрæн зонад æмæ ахуырады райрæзтмæ. Йæ куыстыты ‘хсæн – наукон монографитæ, журналтæ, стæй æвзагзонынад, этнографи æмæ фольклористикæйæ дзырдуаттæ. Йæ алы куыстæн дæр ын иу стыр аргъ скодтой куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ Ирыстоны адæм дæр.