Цæгат Ирыстоны Хæххон-аграрон университеты ацыд студенттæ æмæ æппæтуæрæсеон «Лидеры России», зæгъгæ, æркасты уæлахиздзау Перысаты Азæмæтимæ фембæлд. Нæ сын бавгъау кодта йæ фæлтæрддзинад, радзырдта йæ ног проекттæ æмæ гæнæнты тыххæй. Студенттæ цымыдисæй хъуыстой æмæ лæвæрдтой алыхуызон фæрстытæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Перысаты Азæмæт архайдта трек «Государственное управление»-йы. Барадон æххуысы къабазы бацæттæ кодта цалдæр социалон проекты. Райста ахуырадон грант — милуан сомы. Уыимæ ма, бæрзонд æмвæзады программæты архайыны фадат.
















