Æхсызгонæй, уыимæ ма пайдаимæ дӕр рæстæг арвитын. Цæгат Ирыстоны сæ куыст райдыдтой скъолаты сæрдыгон лагерьтæ. Ацы аз регионы разамонæджы бардзырдмæ гæсгæ сты тематикон. Сывæллæттæн хи ирхæфсæн программæйæ уæлдай, бацӕттӕ кодтой ахуырадон, культурон æмæ спортивон мадзæлттæ. Æнкъард иу саби дæр нæ кæндзæн.
Сæрдыгон улæфæн рæстæг хуыздæр куыд хъæуы райдайын, уый сывæллæттæй хуыздæр ничи зоны. Æрвылбон — алыхуызон хъæзтытæ æмæ хъæлдзæг ерыстæ. Куы бафæллайай, уæд та доны былмæ ацу. Бонæн йæ фылдæр хай сабитæ арвитынц сыгъдæг уæлдæфмæ. Иннæ рæстæг дæр ацæуы пайдаимæ: архайынц спортæй, кæсынц чингуытæ. Ам сæ зæрдæмæ цæуы.
Скъолаты цур лагерьтæ сæ куыст райдыдтой 1-æм июнæй. Æдæппæтæй республикæйы сты 114. Аххæсдзысты 12 минæй фылдæр сабийыл. Сæрдыгон улæфæн рæстæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ райдыдтой уалдзæджы. Ахуыргæнджытæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Амыдтой сæ Мидхъуыддæгты министрад æмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ. Ацы аз, республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ фæзынд ногдзинад. Алы лагерь дæр у тематикон.
Сывæллæттæн æппынæдзух саразынц алыхуызон дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Бабæрæг кæнынц «Кванториум», Космонавтикæйы скъола, «IT-куб». Афтæмæй улæфæн бонты рæстæг уæрæх кæнынц сæ зонындзинæдтæ дæр.
Лагертæ кусдзысты 2 фæлтæрæй. Дыккагмæ хи ныффысæн ис ныр дæр. Программæ ахæссдзæн 14 июлы онг.
Дзæдзойты Фатимæ
















