Цæгат Ирыстоны, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, грипп æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц зынгæ фæфылдæр. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы фæлхасгæджытæм цæстдарды управлени.
Цæрджытæ медицинон уагдæттæм æххуысмæ арæхдæр сидынц. Уæлдай тæссаг уавæры сты сывæллæттæ, карджын адæм. Управленийы амынддзинæдтæм гæсгæ, ныридæгæн республикæйы 154 скъолайы, 148 рæвдауæндоны æмæ 2 астæуккаг профессионалон ахуырадон уагдоны карантины сæхгæдтой. Уымæй уæлдай ма, лабораторон иртæстытæй пайдагæнгæйæ, сбæрæг кодтой вирус H1N1-æй рынчынты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы æхснырсæг æмæ гриппы ӕндӕр хуызтӕй рынчынты бæрц схызт 35% онг, H1N1 та рабæрæг 82 регионы.
















