Алагиры поликлиникæмæ бонмæ æххуысы фæдыл æрбадзуры 80 адæймагæй фылдæр. Низы миниуджытæ сæхиуыл чи ӕнкъары, уыдонæй се ‘рдæг сты сывæллæттæ.
Пациентты тыхсын кæны бæрзонд температурæ æмæ уæнгты лæмæгъдзинад. Медикты ныхæстæм гæсгæ, æхснырсæг æмæ гриппы сиптомтæ æрвылаз дæр адæмы сæ разæй скæнынц. Дохтырты амындмӕ гӕсгӕ, хъӕуы витаминтæ нуазын, сыгъдæг уæлдæфæй улæфын æмæ, бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уырдæм ма цæуын.
Бирæгъзæнджы амбулаторийы терапевттæн дæр сæ куыстыл бафтыд. Ам дæр гриппæй рынчынты нымæц фылдæр кæны. Специалисттæ зæгъынц, зӕгъгӕ, кæд раздæр бонмæ æххуысмæ цыд 5 адæймаджы, уæд ныр дыууæ хатты фӕфылдæр сты.
















