Намысы мемориалы райдыдта хъахъхъӕнынадон-дзыллон куысты мæйон. Снысан æй кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн. Æрвылазон мадзалы архайдтой ДОСААФ-ы скъола, Ветеранты совет æмæ æвзонг армионтæ.
Уыдон мæйы дæргъы архайдзысты республикæйы скъоладзауты патриотон хъомыладыл. Хæсты ветерантæ сын амондзысты лæгдзинады уроктæ. Радзурдзысты сын сæ хæстон фæндæгты тыххæй, æфсæддонты тыххæй æвдисдзысты документалон æмæ аивадон кинонывтæ. Мадзæлттæ уыдзысты алывæрсыг. Комкоммæ æмæ онлайн фембæлдтыты бацархайдзысты бирæ сывæллæттæ.
















