Далле Давид Ульриш Камерунæй ссыд. Дзæбæхгæнæн факультеты студент æппæт низты тыххæй дæр æнцонæй уырыссаг æвзагыл дзуры. Цæгат Ирыстоны Медицинон академийы фæсарæйнаг студентты ‘хсæн Давид нымад у хуыздæрыл. Бархион-медик. Фидæны нейрохирург.
Фæсарæйнаг студенттæн сæ бон ахуыр кæнын у куыд уырыссаг, афтæ англисаг æвзагыл дæр. Медицинон академийы ныр 7 азы сæрмагондæй ис ахуыргæнджытæ ифтонг сты æппæт хъæугæ æрмæгæй. Фыццæгæм курсæй фæстæмæ уырыссаг æвзаг ахуыр кæнынц се ‘ппæт дæр. Ныртæккæ фæсарæйнаг студенттæ сты 700 дунейы алы къуымтæй. Уый у 20% ‘ввахс æппæт нымæцæй. Фыццаг курсы студент Мустафа Бихайри у Дубайæ. Араббаг æвзагæй уырыссагмæ рахизын лæппуйæн æнцон нæ уыд.
Æнæ къуылымпыйæ уырыссаг æвзагыл студенттæ дзурын райдайынц æртыккæгæм курсы. Се ‘ппæт дæр тырнынц ахуырад райсынмæ. Уыцы нысанимæ Дзæуджыхъæумæ Азербайджанæй ссыд Абульфаз Алекберов. Стоматолон факультеты рауагъдон хъæугæ специалист кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæны.
Культурæйы хъæздыгдзинæдтæ, республикæйы сын цы хиуæттæ æмæ хæстæджытæ цæры, æрдзы уавæртæ. Фæсивæд ацы ахуыргæнæндон равзарынц алыхуызон æууæлтæм гæсгæ. Иумæйаг сын у, цы зонындзинæдтæ сын дæттынц, уый. Биологи æмæ гистологийы кафедрæйы сæргълæууæг Бибайты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй бирæ фæсарæйнаг студенттæ сæхи фæлварынц наукæйы дæр. Инди, Ливан, Египет, Германи, Израиль, Америкæ, Украинæ æмæ Белоруссийæ ссæуæг студенттæм алхуызон наукон конференциты æнхъæлмæ кæсынц æхсызгонæй.
Фæсарæнтæй ссæуæг студенттæ куыст ссарынц æнцонæй. Цæгат Ирыстоны медицинон академийæн ис æппæтадæмон аккредитаци, уый та ууыл дзурæг у, æмæ цæгатирыстойнаг дипломимæ специалисты райсдзысты æндæр бæстæты дæр. Ахуыргæнæндоны медицинон программæтæ дзуапп дæттынц æппæтадæмон стандарттæн.
Медицинон академи бирæ фæсарæйнаг студенттæн свæййы сæ дыккаг хæдзар. Базонгæ вæййынц республикæйы истори, культурæ æмæ æгъдæуттимæ. Леонидас Гуртсиадис куыд зæгъы, афтæмæй йын ирон кæфтытæ йæ зæрдыл æрлæууын кæны йæ райгуырæн грекъаг кæфтытæ. Ирыстоны адæмы йæ зæрдæмæ хæстæг райста. Уымæ гæсгæ, республикæйы уайтагъд фæцахуыр. Фæлæ, уыцы-иу рæстæг фæсарæйнæгты дисы æфта Уæрæсе куыд алыхуызон у, уый. Дзæбæхгæнæн факультеты рауагъдон фæнд кæны Грецимæ аздæхын. Студенттæн æрмæст сæ 5% баззайы ам. Фæлæ иууылдæр æхсызгонæй æрхъуыды кæнынц Ирыстон.
















