Цæгат Ирыстоны энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты рæзтæн федералон финансон æххуыс дæтдзысты 2027-æм азмæ. Ацы проект фыццаг хатт арæзт Цæгат Кавказы цы регионты цæуы, уыдоны æхсæн ис нæ республикæ дæр. 2024-2026-æм азты бюджетæй ацы нысанæн дих кæндзысты 10,5 миллиард сомы. Уый æруаджы проекты архайæг субъектты снысан кæндзысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады иумæйаг операторы, дæсны специалистты къабазмæ фæхондзысты, тарифтæ экономикон æгъдаумæ гæсгæ сраст кæндзысты.
Ивгъуыд аз ахæм программæтæ кæнынæн хицауады фæстаурц кæнæн фондæй рахай кодтой 960 милуан сомы. Куыст цæуы Михаил Мишустины уынаффæмæ гæсгæ. Уый Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты фæдыл æмбырды бабар кодта 2022-æм азы энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады рæзтæн цы программæ райдыдта, уый адæргъвæтин кæнын.
















