20 азы фæстæ дæр ма Хъолайы цъити фенынмæ ардæм бирæ адæм æрбацæуынц. Цалдæр минутмæ Хъолайы цъити комы раивылд. Уыцы бон комы чи уыд, уыдон йæ быны фесты. Бирæ рæстæг ма хиуæттæ, бæргæ, агуырдтой сæ хæстæджыты æмæ зонгæты. Агурæн мадзæлтты архайдтой бархионтæ æмæ ирвæзынгæнджытæ æгас Цæгат Кавказæй.
Уыцы бон их æмæ дурты змæстæй хур дæр нал зынд, зæй æппындæр никæуыл бацауæрста. Фæмард 120 адæймаджы. Гæналдоны комæй рацæуын кæмæн нал бантыст, уыдоны ‘хсæн уыд Сергей Бодров дæр. Æрыгон актер, режиссер йæ сфæлдыстадон къордимæ ардæм рацыд æртæ бонмæ ног киноныв исынмæ. Йемæ уыдысты бæхты театр «Нарты»-йы артисттæ. Дæсгай азты цы цъити фынæй кодта, уый цæстыфӕныкъуылдмæ йæ гуымиры тыхӕй ахаста фæндгтæ, хæдзæрттæ, хæдтулгæтæ. Фыдбылызы амæттæгтæ баисты парламенты аппараты кусджытæ дæр. Уæды рӕстӕджы вице-спикер Хабыцты Ларисæ мысы, адæмы куыд нæ уырныдта уыцы диссаджы фыдбылыз, уый. Æрмæст æй хи цæстæй чи федта, уыдон æй æмбæрстой, уырдыгæй аирвæзæн кæй нæ уыд. Фыдбылызы чи фæмард æмæ чи фесæфт, уыдоны бинонтæ ма ирвæзынгæнæн куыстытæ кодтой 2 азы дӕргъы.
Æххуысы къух бадардтой ирвæзынгæнджытæ æгас Цæгат Кавказæй. Уыдон сарӕзтой лагерь «Надежда», ахæм хуызы сæ фæндыд адæмы фарсмæ балæууын. Сæхицæн дæр æнцон нæ уыд. Фыдбылызы фæстиуджытæ егъау уыдысты.
Гæналдоны комы тъунелтæ бæрæг дæр нал дардтой. Афтæмæй та уыдысты æрмæст иунæг фæрæз комы фæндæгты сæрты ахизынмæ. Дурæй байдзаг сты. Ныр ссæдз азы рацыд, фæлæ уӕддӕр сæ кæцыдæр хай сыгъдæггон не ‘рцыдысты. Ацы бынат туристтæн тынг уарзон уыд. Ам æрбынат кодта хъæу дæр. Адæм дзы сæ царды кой кодтой, фæлæ йæ цъити æрӕмбæрзта 100 метры бæрц бæзджынæн ихæй. 20 азмæ бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ адæм ардæм æрбаздæхынмæ тагъд нæ кæнынц. Хъолайы амæттæгты цыртдзæвæныл абон, куыд раздæры азты афтæ, ацæудзысты номарæн акцитæ, ссудздзысты мыдадзын цырæгътæ. Уыцы бон фыдбылыз сæдæгай адæмы хъысмæттæ фæивта. Ам чи фæмард, чи фесæфт, уыдоны бинонтæ, сгарæн агурæн операцийы архайджытæ — се ‘ппæты дæр сбаста ацы бынат. Систы иу бинонты хуызæн. Сæхи та хонынц хъæрмæдойнæгтæ.















