Ныййарæг æмæ ахуыргæнæджы ‘хсæн æмарахайд фæхъомысджындæр кæнын. Ууыл дзырдтой проектон сессийы Цæгат Ирыстоны педагогон институты.
Архайдтой дзы æрыгон педагогтæ, йæ стаж 3 азæй фылдæр кæмæн нæма у, ахæмтæ. Уыимæ ма фæдзыдтой, разамындæттæг кадрты резервы чи ис, уыдонмӕ. Æдæппæтæй 50 адæймаджы: скъолаты, колледжты, лицейты æмæ астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты педагоготæ. Мадзал сарæзта ахуырад æмæ наукæйы министрад «Ахуырады системæйæн кадртæ цæттæ кæныны» проекты фæлгæты.
















