Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрныхас кодтой æрдз бахъахъхъæныны æмæ сыгъдæг энергийæ пайда кæнынмæ рахизыны тыххæй.
Семинар сбастой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æппæтдунеон бонимæ. Фæлхасгæнджыты бартæм цæстдарды управленийы акцийы нысан у цæрджыты æнæниздзинадмæ уæлдай бæстондæрæй æркæсын. Æрдзæн тæссаг цæмæй у, уый адæймагыл дæр æвзæрырдæм ахады.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, вазыгджын у экологи æмæ æрдзыл ауæрдын. Æмбырды тематикон докладтæ бакастысты университеты экологон змæлд «SANSARA»-йы архайджытæ. Студенттæ ныридæгæн æрдзхъахъхъæнынадимæ баст цалдæр проекты æнтыстджынæй сарæзтой. Зæгъæм, университеты хауæтдзæгтæ æмæ бырон цавæртæ сты, уымæ гæсгæ дихгондæй æмбырд кæнынц.
















