Хореографион фестиваль-æркаст «Мир танца» та рагон хатт сæмбырд кодта хуыздæр сфæлдыстадон къордтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Челябинск æмæ Магнитогорскæй. Бацархайдтой дзы 8-æй-13 азы æмæ 14-æй-20 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Курдиатджын фæсивæд сæ тыхтæ фæлвæрдтой 3 номинацийы: адæмон, фольклорон æмæ адæмон-стилистикон кæфтыты.
Алы кафæгыл дæр аивадуарзджытæ сæмбæлынц тыхджын къухæмдзæгъдæй. Къухты айст – аив, цæстæнгас – уæздан. Кафты мидис хъуамæ бæрæг дара æппæт фезмæлдтыты дæр. Фæсивæд равдыстой сæ кафты фæлтæрддзинад.
Хæххон кафт, хонгæ, симд, ерысы кафт, уыдонæй уæлдай, цæцæйнаг, абхазаг, аджайраг æмæ бирæ æндæр кæфтытæ. Фестивалы руаджы сценæйыл баиу сты нæ бæстæйы адæмыхæттыты культурæтæ æмæ æгъдæуттæ.
Фестивалы бацархайдтой 23 сфæлдыстадон къорды Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон, Челябинск, Магнитогорскæй. Æппæт дæр сæ ных сарæзтой æрмæст уæлахизмæ. Фæлæ сын, фыццаджыдæр, æхсызгон у фылдæр фæлтæрддзинад райсын æмæ ног хæлæртты ссарын.
Фæсивæды курдиатæн аргъ кодтой алы æууæлтæм гæсгæ. Кастысты, сценæйыл сæхи куыд дарынц, кафты мидис куыд æвдисынц æмæ суанг сæ дарæсы уагмæ дæр. Тæрхонгæнджыты ‘хсæн – республикæ æмæ бæстæйы сгуыхт артитсттæ.
Æппæтадæмон хреографион конкурс-фестиваль «Кафты дуне» ацыд ныр æвдæм хатт. Йæ аразджытæ – Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ Фæсивæды галуан. Сæйраг нысан – курдиатджын сывæллæтты рабæрæг кæнын, стæй Ирытоны фæсивæды ‘хсæн хæлардзинад сфидар кæнын.
Фестивалæн кæронбæттæн скодтой гала-концертæй. Гран-при рамбылдта Адæмон кафты ансамбль «Сафар». Хорзæхгонд æрцыд сæрмагонд кубокæй. Уæлахиздзаутæ райсттой кады гæхæттытæ æмæ æхцайы премитæ.