Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд политолог Сергей Маркедоновы лекци. Сæйраг темæ — Уæрæсе æмæ Азиаг бæстæты ‘хсæн ахастдзинæдтæ фæфидар кæнын. Архайджытæн арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг. Гобеты Ибрагим куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ абон сты ахсджиаг. Сергей Маркедоновы ныхæстæм гæсгæ, дунейы политикæйыл Азийы ахадындзинад рæзы, уымæ гæсгæ бæстæтæ хъуамæ æнтыстджынæй архайой сæ ахастдзинæдты рæзтыл.
Ахæм рухстауæн форумтæ паддзахадон кусджытæн аразынц æппынæдзух бæстæйы алы регионты. Проекты ‘руаджы, архайджытæ бæрзонддæр кæнынц сæ профессионалон зонындзинæдтæ æмæ компетентцитæ.
Азиаг бæстæтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахадынц канд Уæрæсейы цы цаутæ цæуы, уыдоныл нæ, фæлæ ма геополитикон фарстатыл дæр. Суанг ма Кавказыл дæр. Не ‘ппæт дæр зонæм транспортон-логистикон коридор кæй хонынц, уый тыххæй. Цæуы нæ республикæйы уылты. Уый дæр ахады нæ регионы æнтыстдзинæдтыл.















