Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ цæстфæлдахджыты ныхмæ дарддæр аразынц егъау профилактикон акци. Дыууæ боны дæргъы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уыимæ ма базарадон центрты, æхсæнадон транспорты æрлæууæнты сарæзтой сæрмагонд мадзæлттæ. Профилактикон акцийы ма бацархайдтой сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæ. Пъæлицæйæгтæ адæмæн æмбарын кодтой цæстфæлдахджыты гæды миты тыххæй. Горæты цæрджытæн фембæлдыдтæ рауадысты цымыдисаг. Инспектортæм лæвæрдтой фæрстытæ.
Акцийы архайджытæн байуæрстой информацион сыфтæ. Пъæлицæйæгтæ уæлдай æргом аздæхтой карджын адæммæ. Уыдон арæхдæр бахауынц цæстфæлдахджыты азары. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ ма иу хатт сидынц цæрджытæм, цæмæй æнæзонгæ адæмæн хи тыххæй информаци æмæ банчы картæты номыртæ ма хъусын кæной.
















