Цæгат Ирыстоны райдыдта чысыл гидроэлектростанцæ “Барс”-ы арæзтад, абон ын сæвæрдтой йæ бындуры фыццаг куб. Кадджын мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Чысыл гидроэлектростанцæ æрбынат кæндзæн Алагиры районы Хæрисджыны Фыййаджы доны был. Проект æххæст кæны компани “ЭкоЭнерджи Групп”. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ног объект республикæ сифтонг кæндзæн уæлæмхасæн экологон æгъдауæй сыгъдæг электрон тыхæй.
Республикæйы сæргълæууæг раарфæ кодта компанийы минæвæрттæн, кавказаг фыранкы ногæй сбирæ кæныны программæйы кӕй архайынц, уый тыххæй. Энергетикты рагон традицимæ гæсгæ, фидæны гидроэлектростанцæйы бындуры сæвæрдтой мадзалы архайджыты цонгылдаргæ сахаттæ дæр. Ацы традици насан кæны, кæй сæ фæнды, цæмæй гидроэлектростанцæйы куыст, сахаты механизмау, уа дырыс æмæ æууæнккаг. Уæдæ йыл сæвæрдтой ӕвзистæй конд кавказаг фыранкы фæд дæр. Мадзалы фæлгæты ма бафыстой гидроэлектростанцæмæ ифтонггæрзтæ æрбаласыны фæдыл контракт. Станцæ скусын кæнынвæнд кæнынц 2025-æм азы дыккаг кварталы.
















