Æннæкоммерцион æхсæнадон куыстуæттæ, бархионтæ, амалхъом адæм æмæ журналисттæ. Се ‘ппæты дæр абон æрбангом кодта форум «Сообщество». Архайдта дзы регионы разамонæг Сергей Меняйло дæр. Форумы агъоммæ фембæлд Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы минæвæртимæ. Æрныхас кодтой цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, арæзтад æмæ фæндæгты фарстатыл. Форум ахæссдзæн 2 боны.
Национ наукон чиныгдон суазæг кодта 600 адæймаджы нæ бæстæйы 30 регионæй. Абон райдыдта форум «Сообщество». Мадзалы архайджытæн арфæ ракодта Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы секретарь Лидия Михеева. Æмбырды архайджытæн йæ зæрдæ зæгъы куысты æнтыстджын куыд уой.
Уазджытæн арфæ ракодта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй форумы темæ ныртæккæ у ахсджиаг. Цалдæр боны размæ Сергей Меняйло фембæлд республикæйы æхсæнадон палатæ æмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ведомствæты сæйраг хæс у цæстдард, стæй риссаг фарстатæ райхалын куыд экспертон æхсæнад, афтæ. Уымæн та стыр æххуыс у хицауад æмæ æхсæнады æмгуыстад.
Форум райдыдта пленарон æмбырдæй. Ныхас дзы цыд æхсæнадон цæстдардыл. Йæ архайджыты ‘хсæн – федералон æмæ регионалон специалисттæ.
Дарддæр форумы архайджытæ базонгæ сты Цæгат Кавказы федералон зылды æнтыстджын социалон проекттимæ. Æнæкоммерцион куыстуæттæ равдыстой сæ хуыздæр социалон практикæтæ. Уазджытæ дзы баззадысты разыйæ. Уый фæстæ форум архайджытæ адихтæ сты тематикон фæзтыл. Уыдоны ныхас цыди, зæгъæм, Цæгат Кавказы мидæггаг туризмы рæзт, адæмæн куыст дæттыны фарста, стæй нациты ‘хсæн иудзинад фæфидардæр кæныныл. Форумы архайджытæн радзырдтой, социалон амалхъомдзинад цæмæй райдайын хъæуы, уый. Сæйраг темæтæй иу – медиатор. Уый у быцæуты фарстатæ лыг кæныны альтеративон фæрæзтæй иу. быцæугæнджыты ’хсæн фæархайы, хъуыддагмæ бар чи нæ дары, ахæм æртыккаг адæймаг, ома медиатор.
Форум «Сообщество» снысан кодта Уæрæсейы æхсæнадон палатæ æхсæз азы размæ. Уæдæй абонмæ сси, æхсæнад, хицауад æмæ амалхъом адæмæн æргом ныхас æмæ социалон проекттыл бакусынæн фадат кæм ис, ахæм бынат. Форумæн йæ нысан у бæстæйы æхсæнады уавæр сбæрæг кæнын, социалон æнæкоммерцион практикæтæ равзарын, æмæ сæ парахат кæнын. Мадзалы программæ у бирæвæрсыг. Райсом дæр йæ архайджытæм æнхъæлмæ кæсы æнтыстджын куыст.
Хуасадзауты Алинæ
















