Сергей Меняйло фембæлд президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкаимæ. Æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыдысты, уый фæдыл Юрий Чайка бузныг загъта регионы разамонæгæн.
Фембæлды рæстæг æрдзырдтой социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон уавæрыл, æркастысты Цæгат Ирыстоны райрæзты сæйраг бæрæггæнæнтæм. Фæнысан кодтой национ проекттæ æххæсткæнынады æнтыстдзинæдтæ. Се ‘хсæн — Алагиры районы туристон-рекреацион комплекс “Мамысон”. Сергей Меняйло радзырдта, курорты арæзтад ныридæгæн цы къæпхæныл ис, уый тыххæй. Ныртæккæ дзы цæттæ кæнынц туристон инфраструктурæйы объекттæ. Дыууæ рæтæн фæндаджы, трассæты 20 километры æмæ фæлладуадзынæн æмбæлгæ уавæртæ. Афæдзы кæронмæ фæнд кæнынц Дæллаг Зæрæмæгæй “Мамысон”-ы онг фæндаджы сцалцæг кæнын.
















