Операци цыд 15 минуты, æнтыстджынæй ахицæн. Хæрзхъæд рæсыдниз слыг кодтой ног кусæнгæрзты фæрцы. Бæстæйы уагъд, эндоскопон цæджындзæг Мæздæджы районы рынчындоны дохтырты гæнæнтæ дзæвгар фæуæрæхдæр кæндзæн.
Технологи у хуымæтæг, пациенттæн стыр зиан нæ хæссы. Эндоскопон чысыл операциты фæстæ рынчынтæ сæ къæхтыл тагъд слæууынц.
Ног кусæнгæрзтæй æххæст у сылгоймæгты низтæ дзæбæхгæнæн хайад дæр. Цалдæр боны размæ дзы сæвæрдтой УЗИ-аппарат. Æххуыс уыдзæн гуырдзы аиппытæ раиртасынæн, 1-аг, 2-аг æмæ 3-аг скринингтæ скæнынæн. Æркастæн бахъæуы 20 минуты онг.
Гуырдзы уавæр бæлвырд сбæрæг кæнæн ис КТГ-аппарат кæй хонынц, уый фæрцы. Фидæны ныййарджытæн иртæстытæ снысан кæнынц гуырдзы 32-æм къуырийы. Ног кусæнгæрзтæ сты раппæлинаг.
Сæрмагонд гæрзтæ сбæрæг кæнынц бæрæггæнæнтæ, равдисынц сæ мониторыл. Ам баиу кæнæн ис туджы æлхъывдад, пульс барæнтæ, æмæ тæвдиртасæн индикатортæ. Æркаст фæцæуы дæс минутæй сахаты онг, сæйрагдæр у иртæстыты хæрзхъæддзинад. Бонмæ диагностикæ скæнынмæ æрбацæуынц 15 адæймаджы онг.
Ног УЗИ æмæ КТГ аппараттæ ис гинекологон хайады æмæ арæндоны дæр. Нырыккон ифтонггæрзтæй Мæздæджы районы рынчындон æххæстгонд æрцыд нацпроект “Бинонтæ”-йы фæлгæты.
















