Æрвылбон скъолайы райсом райдайы ахуырдзауты æмæ ахуыргæнджыты æнæниздзинад иртасынæй. Сæрмагонд æркаст ныртæккæ уæлдай ахсджиаг у, уымæн æмæ ацафон вирустæ сарæх вæййынц. Сывæллæттæ кæрæдзийы ‘хсæн æмхæццæ кæнынц, уымæ гæсгæ вирустæ уайтагъд апарахат вæййынц. Уымæй сабиты бахизын хъæуы. Ахсджиаг у афоныл температурæ, хуыфæг, æхснырсæг, фадынæг æмæ æндæр симптомтæ раиртасын. Карантин ма æруадзын, скъоладзауты æмæ педагогты бахъахъхъæнын. Фæсивæд уавæр æмбарынц æмæ низы ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæнынц.
Райсомы æркасты архайынц медиктæ æмæ скъолайы дзуапдæттæг кусджытæ. Уыдон фенынц сывæллæтты, сбарынц сын сæ температурæ, аргъ сын скæнынц сæ æнæниздзинадæн. Бæрæггнæнтæ баххæсынц сæрмагонд журналмæ. Бирæ аразгæ у ныййарджытæй. Саби йæхи æвзæр куы æнкъара, уæд æй хъæуы хæдзары ныууадзын æмæ дохтырмæ фæсидын. Профилактикæйы тыххæй дæр рох кæнын нæ хъæуы. Бæстыхаймæ сыгъдæг уæлдæф уадзын, арæхдæр къухтæ æхсын, пайда кæнын дезинфекцигæнæн фæрæзтæй.
«Утренний фильтр» – амынддзинад нæу, фæлæ æнæмæнг домæн. Уæлдайдæр æхснырсæг, грипп æмæ коронавирусы инфекци куы сарæх вæййынц, уыцы афон. Ныртæккæ уавæр æвзæр нæу, фæлæ чысыл бæрзондгонд у. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы специалисттæ ахуырадон кусæндæтты бæрæг кæнынц скъоладзауты нымæц.
Специалисттæ сидынц æнæниздзинады уавæрмæ куыд фæндыйы цæстæй ма кæсын, афоныл низы миниуджытæм хъус дарын. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ æмбæлынц ныййарджытимæ. 5-æм гимназы ныридæгæн архайд цæуы, базонгæ сæ кæндзысты вакцинацийы ахджиагдзинадимæ æмæ низы ныхмæ профилактикæимæ.
















