Фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнын æмæ фæндаггон змæлд æдасдæр скæнын. Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ Иугонд Уæрæсейы минæвæрттæ сбæрæг кодтой фæндаггон нысæнтты æмæ хицæн уаццагты уавæр.
Уыдысты 7 уынджы. Ахсджиаг фарстатæй иу хæдтулгæты нымæц. Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уынгтæн проекттæ кодтой советон рæстæг æмæ уæд машинæтæ уыйбæрц нæ уыд. Фæлæ арæх аваритæ фистæгцæуджыты аххосæй дæр æрцæуынц, фæндаджы сæрты фæхизынц кæм не ‘мбæлы, уым.
















