Удуæлдай куыст æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ Хъойбайты Зауыр æмæ Галазты Юлианнæ систы, йе`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсменты ’хсæн Уæрæсейы чемпионаты призертæ. Ирыстойнаг спортментæ равдыстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ, цалдæр дисциплинæйы систы майданты аккаг. Бæвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Тренировкæйы размæ æнæмæнг хъæуы уæнгтæ аивазын. Афтæмæй нуæрттæ рыст нæ баййафдзысты. Галазты Юлианнæ алы тренировкæмæ дæр тынг бæрнон цæстæй кæсы. Спортмæ хиирхæфсæн мадзалы каст нæ кæны. У йæ царды ахсджиаг хæйттæй иу. Æртæ азы размæ йæ къухы бафтыд, цæстæй чи нæ уыны, уыцы спортсменты ’хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау суæвын. Ацы аз дæр та чызг архайдта ерысты. 100 метры онг дугъы бацахста дыккаг бынат. 200 метры дугъы та райста бронзæ майдан.
Горæт Уфайы ерысты бацархайдта Хъойбайты Зауыр. Уæззау къори æхсынæй сси Уæрæсейы чемпион. Æвзист майдан та райста уæззау тымбылæг æхсынæй. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхи биноныгæй цæттæ кодта. Фæлæ иу фиппаинаг — цæттæ кæнынæн ын аккаг уавæртæ нæй.
Раздæр рог атлетикæйæ спортсментæ тренировкæтæ кодтой стадион «Спартак»-ы. Уым ис дугъы уайынæн сæрмагонд фæндæгтæ. Ныр æй рацарæзты нысанимæ сæхгæдтой. Уый тыххæй афæдзы дæргъы Манежы цæттæ кæнынц сæхи. Уым дæр сын æппæт хъæугæ фадæттæ нæй.
Ныр уал спортсментæ улæфынц, тыхтæ æмбырд кæнынц. Хæстæгдæр рæстæг сæ тренировкæтæ ногæй райдайдзысты. Фидæны та сæм, æнæмæнг, æнхъæлмæ кæсынц спорты ног бæрзæндтæ.















