Дзæуджыхъæуы Национ музейы та абон уыд Мæскуы æмæ Цæгат Ирыстоны литераторты æмбырд. Уазæгуаты нæм сæмбæлдысты Уæрæсейы сæйраг горæты сфæлдыстадон кусджыты 5 минæвæры.
Фысымтæ æмæ æрцæуджытæ кæрæдзийæн бацæттæ кодтой хъæздыг аивадон программæ. Кастысты æмдзæвгæтæ, акодтой зарджытæ, уæдæ кафынæй дæр сæ зæрдæтæ барухс сты. Кæрæдзийæн ма ракодтой лæвæрттæ дæр. Рухс федта чиныг «Две столицы: Владикавказ-Москва», зæгъгæ. Уадзгæ дæр æй æмдыхæй ракодтой. Йæ автортæ сты журнал «Альманах»-ы сæйраг редактор Бæдтиаты Юрий æмæ Мæскуйы литераторты Цæдисы сæргълæууаг Валерий Галечьян. Чиныг конд у дыууæ `взагыл, сты дзы æмдзæвгæты тæлмацтæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ уазджытæ нæ республикæйы уыдзысты 1-æм июльмæ.
Уыцы `мгъуыдмæ сæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг программæ. Фысымтæ дзырд радтой, сæ мæскуыйаг уазджытæ Ирыстонæй зæрдæхудтимæ кæй н` ацæудзысты, уымæй.















