Цæгат Ирыстоны тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæй. Снысан ын кодтой зынгсирвæзтытæй тæссагдзинады 4-æм къæпхæн. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы цауты министрады республикон хайадæй.
Дзуапдæттæг министрады кусджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, нæй хъæдрæбынты æмæ хъæдты судзгæ `хсидæвтæ уадзæн, тамакойы дымæггæгтæ калæн. Хъуамæ бæлæстæм хæстæг, кæнæ хус быдырты цур, конд ма цæуой æртытæ.
Фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæнын хъæуы сæрмагонд номыр 01-мæ, чырæ телефонæй «101» кæнæ «112» номыртæм.
















