Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц 2021-æм азы адæмы æппæтуæрæсеон сфыстмæ. Цæттæгæнæн мадзæлттыл республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав ныхас кодта Паддзахадон статистикæйы Федералон службæйы Цæгат Кавказы федералон зылды управленийы Дзæуджыхъæуы разамонæджы хæдивæг Олег Быкадоровимæ.
Адæмы æппæтуæрæсеон сфыст нымæцон хуызы сараздзысты фыццаг хатт. Пайда кæндзысты сæрмагонд программæтимæ планшеттæй. Уый куыстыл хорзырдæм сахаддзæн, уыимæ ма рæдыдтытæ дæр къаддæр уыдзæн. Республикæйы цæрджытæн Адæмы сфыстмæ хи бафтауыны фадат уыдзæн Паддзахадон лæггæдты сæрмагонд сайты, кæнæ та сын уыдзæн Уæрæсейы статистикæйы федералон службæйы специалистмæ хæдзармæ фæсидыны бар. Олег Быкадоров куыд фæнысан кодта, афтæмæй ивгъуыд азы сæ дæлбар хайады куыстмæ Уæрæсейы статистикæйы управлени фиппаинæгтæ не ссардта.
Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй адæмы æппæтуæрæсеон сфысты хъуамæ республикæйы алы цæрæг дæр бацархайа. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахсджиаг социалон хъуыддаг хъуамæ сарæзтаиккой ивгъуыд азы октябры. Фæлæ коронавирусы инфекци кæй апарахат, уымæ гæсгæ йæ аргъæвтой ацы азы 1-æм апрелæй 30-æм апрелы онг. Регионы разамонæг Олег Быкадаровæн загъта бузныг йæ бæстон куысты тыххæй.
















