Цæгат Ирыстоны цæуынц 9-æм маймæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Ацы аз бæстæйы сбæрæг кæндзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы бон.
Бæрæгбоны мадзæлттæ ацы хатт æрвылаз куыд парахат вæййынц, афтæ нæ уыдзысты æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Сабырдзинады фæзы ацæудзæн æфсæддон парад. Бацархайдзысты дзы 58-ӕм æфсады службæгæнджытæ, мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты кусджытæ, æрыгон армионтæ. Уыдзæн дзы æфсæддон техникæ дæр. Республикæйы сæргълæууæджы номæй кадджын мадзалмæ æрбахуыдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты, ныры дуджы хъæбатырты. Фæнд ма кæнынц хæдтулгæтыл æмæ мотоциклтыл дугъ саразын дæр республикæйы мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнты цур. Бæрæгбоны кæронбæттæны та арæзт æрцæудзæн салют.
















